Черменыхъæуы райдыдтой кусын социалон объектты райрæзтыл
Ног амбулатори аразынц Черменыхъæуы. Бындуронæй йæ цалцæг кæнынц. Куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Медицинон объект бирæ рæстæг уыд заууат уавæры. Цавæр ногдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц хъæуы цæрджытæ, уый баззыдта нæ уацхæсæг. Æгкацаты Белæ Черменыхъæуы администрацийы кусы къорд азы дæргъы. Йæхæдæг нын куыд радзырдта, афтæмæй æппынæдзух бæллыд йæ райгуырæйæн хъæуы райрæзтмæ. Йæ куысты бынаты куы æрлæууыд, уæдæй нырмæ йæхиуыл æнæ ауæрдгæйæ архайы. Фæнды йæ, цæмæй Черменыхъæуы цард хуыздæры 'рдæм ива. Уæдæ йын асхиаджиаг у социалон объектты райрæзт дæр. Уыдонæй иу - хъæуы амбулатори. Черменыхъæуы бынæттон амбулатори æрæджы æрцыд заууат уавæрмæ. 20 азæй фылдæр цалцæггонд нæ уыд. Рæстæг куыд цыд, афтæ йæ къултæ хъуына кæнын райдыдтой. Дохтыртæн ахæм уавæрты зын уыдис кусын. Хъуыддаг хорзы 'рдæм аивта, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Черменыхъæумæ куы 'рцыд, уæд. Амбулатори бахаудта национ прект «Здравоохранение»-мæ. Черменыхъæуы амбулатори хъуамæ цыбыр рæстæгмæ цалцæггонд æрцæуа. Хъæуы цæрджытæ æмæ дохтыртæ уымæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц. Ныртæккæ уал рынчынты исынц къæлхозы раздæры разамынды бынаты. Кæд уавæртæ хуыздæр хъуаг сты, уæддæр адæм æххуысмæ цæуынц. Амбулаторийæ уæлдай ма Черменыхъæуы цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар дæр. Уыимæ ма дзы аразынц ног скъола дæр. Къутæрты Аидæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Черменыхъæуы райдыдтой кусын социалон объектты райрæзтыл
Категория:
Новости и СМИ