Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 161 азы
Ирон литературæйы бындурæвæрæг, поэт, нывгæнæг, публицист, ирон лæджы ном дунейы адæмты æмрæнхъ бæрзонд чи систа, æмæ йæ сæрыстырæй чи хаста, ирон адæмы уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къоста арæх цы бынæттæ бæрæг кодта, йæ уарзондæр уынгтыл рацыд нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Ацы хæдзары Къоста фӕцарди афæдз æмæ`рдæг. Цы уаты куыста æмæ æрвыста йæ царды бонтæ, уый ныртæккæ у йæ номыл музей-хæдзары хай. Раст цыма 100 азы дæр нæ рацыд æмæ ныртæккæ Къоста æрбакъахдзæф кæндзæн хæдзары къæсæрæй, афтæ кæсы адæймагмæ. Поэты дзауматæ ам цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц. Хетæгкаты Къоста ныууагъта хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ. Ирдæй йын йæ бирæвæрсыг курдиат æвдисыц йæ къухӕй фыст нывтæ. Музейы дзы фенæн ис, бирæтæн зындгонд чи сты, ахæмтæ: «Дурсæтджытæ», «Дондзау чызг». Хæдзары дыккаг уæладзыджы та лæууы поэтæн йæ музæ, Цæлыккаты Аннæйы рагон фортепиано. Къостайы ныв «Скорбящий ангел»-ы базонæн ис поэтæн йæ уарзон чызг, Анна Поповæйы сурæт. Бетъырбухæй куы сыздæхт, уæд Александровский проспектыл цӕуӕг чызг ӕй дисы бафтыдта. Фæстæдæр æй базыдта, Армайнаг аргъуаны цур кæй цæры, уый. Ирыстоны ирддæр стъалыимæ Дзæуджыхъæуы бирæ бынæттæ баст сты. Къостайы проспект, Хетæгкаты уынг. Йæ ном хæссы горæты сæйраг фæз æмæ университет. Къостаимæ баст бынæтты истори базонынӕн æмæ йе сфæлдыстадимæ базонгæ уӕвынӕн, йæ цардыл афæлгæсынæн сарæзтой QR-кодтæ. Фенæн сæ ис, Хетæгкаты Къоста кæм цард æмæ куыста, уыцы бæстыхæйтты къултыл. Проектыл бакуыстой Къостайы 160 азы райгуырæн бонмæ Национ наукон чиныгдоны кусджытæ. Ирон литературæйы бындурæвæрæг, номдзыд поэт, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг. Къоста æнустæм ныууагъта æвидигæ фæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 161 азы
Категория:
Новости и СМИ