Национ проект «Экология»-йы фæлгæты ныссыгъдæг кæндзысты Бехъаны цад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны дарддæр архайынц Бехъаны цад ныссыгъдæг кæныныл. Ныридæгæн фесты цæттæгæнæн мадзæлттæ. Дарддæр специалисттæ пайда кæндзысты дондзæуæн техникæйæ. Бехъан нымад у æрдзы регионалон цыртдзæвæныл. Куыд архайынц йæ сыгъдæгдзинадыл æмæ фидауцыл ныртæккæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Донуат ссыгъдӕг кодтой хъæдæрмæг æмæ быронæй. Ныр специалистты бон у цады бын райдайын сыгъдæг кæнын. Бехъан нымад у æрдзы регионалон цыртдзæвæныл. Уый тыххæй та æнæмæнг хъæуы йæ сыгъдæгдзинад æмæ фидауцыл бакусын. Йæ бахъахъхъæныны проект æххæст кæндзысты 2022-æм азы онг. Куыстыты фæстæ цадæн æнусы 'рдæгмæ тас ницæмæй уыдзæн. Бехъаны цад æрбынат Æрыдоны районы Бехъаны хъæуы хуссарварс, Терчы былгæрæтты. Равзæрд, ивгъуыд æнусы 50 -æм азты Бехъаны гидроэлектростанцæ куы амадтой, уæд. Рæстæг цыд æмæ ма дзы фæзынд сакъӕдӕхтӕ ӕмӕ мал. Уый та æвзæрæрыдæм фæбæрæг цады уавӕрыл. Сыгъдæг кæныны куыстытæ цæудзысты национ проект «Экология», зæгъгæ, фæлгæты. Федералон бюджетæйы ацы аз уыцы хъуыддæгтӕн рахай кæндзысты 100 милуан сомæй фылдæр. Фидæны Бехъаны цадæн фæзындзæн ног цард. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Национ проект «Экология»-йы фæлгæты ныссыгъдæг кæндзысты Бехъаны цад

Категория:

Новости и СМИ