Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады куыстуæтты хæстæ систы 284 милуан сомы
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты хæстæ «Россети Цæгат Кавказ»-ы раз систы 284 милуан сомы. Ацы хæс æртымбыл 5 мæймæ. Компанийы фæлхасгæнджытæ æппæтæй æвзæрдæр фыстой электрон тыхæн. Се ’хсæн Дзæуджыхъæуы дондзæуæн хæтæлты куыстуат, йæ хæс у 119 милуан сомæй фылдæр, Дзæуджыхъæуы хъармдæттæн хæтæлты куыстуат та дары 74 милуан сомы. Хæсджынты æмрæнхъ ма сты цæрæнуæтты цæрджытæ дæр. Æмткæй райсгæйæ, сæ хæс у 50 милуан сомæй фылдæр. «Россети Цæгат Кавказ»-ы директоры хæдивæг Милдзыхты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй иудадзыг цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады хæстæ кæй рæзынц, уый æнæхъæн регионы фæлхасгæнджытæн дæр пайда нæу._ ________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады куыстуæтты хæстæ систы 284 милуан сомы
Категория:
Новости и СМИ