Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой, азымджынтæй иу йæ адвокатимæ контракт кæй нæ адæргъвæтин кодта, уый аххосæй. Ныр азымджынæн снысан кæндзысты паддзахадон адвокат. Дарддæры æмбырд снысан кодтой 28-æм августмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2015 азы 1-æм ноябры Цъыккаты Владимир пъæлицæйы хайадæй бахауд рынчындонмæ. Дыккаг бон реанимацийы амард. Цы бартæ сæм хауд, уымæй фылдæр спайда кодтой æмæ адæймаг кæй фæмард, уымæ гæсгæ азымджын кæнынц 10 пъæлицæйаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Категория:
Новости и СМИ