Хуссар Ирыстонæй рацæуæг, Сербийы бархион, Андиаты Альберт йæ цардæй ахицæн
Хуссарирыстойнаг, Сербийы номдзыд бархион, Андиаты Альберт йæ цардæй ахицæн коронавирусæй, Белградмæ 'ввахс рынчындоны. Уый тыххæй хъусын кæны ифнормацион агентад ТАСС. Рынчындоны фæцис авд боны. Фæлæ, вирус тыхджындæр разынд. Андиаты Альберт Югославимæ ацыд бархионæй. Уыд 549-æм мотобригадæйы снайпер. Хъахъхъæдта Серби æмæ Албанийы 'хсæн арæнтæ. Косово æмæ Метохийы тохы æнæ цæстæй баззад. Йæ къух фæцæф. Хæсты фæстæ баззад Балканты. Фæстаг азты архайдта ветеранты организациты куысты. Альберты кадæн Белграды Уæрæсейы наукæ æмæ культурæйы центр равдыста документалон киноныв «Край. Обреченные на изгнание», зæгъгæ. Æвдыст дзы сты Косово æмæ Метохийы цаутæ æмæ Андиаты Альберты хъысмæт дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстонæй рацæуæг, Сербийы бархион, Андиаты Альберт йæ цардæй ахицæн
Категория:
Новости и СМИ