Битарты Вячеслав фембæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Русланимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Битарты Вячеслав фембæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Русланимæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй Æппæтадæмон æхсæнадон змæлды уæнгтæ ахадгæ бавæрæн хæссынц фæссивæды хъомыладмæ. Æмæ уыцы хъуыддагыл хъæуы кусын, уæлдайдæр - ирон æгъдæуттæ бахъахъхъæнынæн. Фембæлды рæстæг сæйрагдæр ныхас цыд иудзинады фастатыл. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы хæс у æппæт ирæтты дæр æрбангом кæнын, кæд сæ райгуырæн зæххыл нæ цæрынц, уæддæр. Фæсарæнты цы ирæттæ цæрынц, уыдонимæ æппынæдзух хъуамæ уа бастдзинад. Коронавирусы аххосæй ацы аз аргъæвтой «Этнолагерь». Йæ фæлгæты ирон диаспорæты минæвæртты зонгæ кæнынц нæ фыдæлты æгъдæуттимæ. Хъуамæ уыцы куыст сног кæной. Битарты Вячеслав бахæс кодта Кучиты Русланæн, цæмæй æхсæнады уæнгтæ дарддæр архайой адæмимæ, сæ зæрдыл сын лæууын кæной, санитарон домæнтæ нырма æнæмæнг æххæст кæнын кæй хъæуы, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Русланимæ

Категория:

Новости и СМИ