Цæгат Ирыстоны фæзынд цæрæн хæдзæртты 206 мин квадратон метры
Январæй сентябрмæ Цæгат Ирыстоны фæзынд цæрæн хæдзæртты 206 мин квадратон метры. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 8% фылдæр. Уый тыххæй журнæлисттимæ фембæлды рæстæг фехъусын кодта республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур. Цæгат Ирыстон бахауд, пандемийæйы рæстæг арæзтады куыст кæм нæ фæкъуылымпы, Уæрæсейы уыцы регионтæм. Профилон министр куыд бафиппайдта, афтæмæй ног цæрæнуæтты 70% фæзынынц цæрджыты фæрæзты руаджы. Уыимæ ма министрад егъау куыст кæны, арӕзтадмӕ хи фӕрӕзтӕ бахӕсгӕйӕ сайды чи фӕци, уыцы адӕмимӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны фæзынд цæрæн хæдзæртты 206 мин квадратон метры
Категория:
Новости и СМИ