Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой давджыты
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой давджыты. Æртæ бынæттон цæрæджы горæты районты фистæг кодтой хæдзæрттæ. 54-аздзыд сылгоймаг пъæлицæмæ фæхабар кодта, йæ фатер ын кæй скъахтой æмæ дзы сыгъзæрин дзауматæ æд æхцайы фæрæзтæ кæй рахастой, уый фæдыл. Афтæмæй йын зиан æрхастой 70 мин сомы бæрц. Дыккаг фатерæй та фыдгæнджытæ рахастой мулк 110 мин сомæн. Пъæлицæйы æнæмæнг æмæ бæстон куысты руаджы давджыты сбæрæг кодтой æмæ æрцахстой суткæйы æмгъуыдмæ. Уыдон разындысты, раздæр ма тæрхонгонд чи уыд, ахæм 30, 33 æмæ 35-азыдзыд нæлгоймæгтæ. Фыдгæнджытæ сæ аххосыл басастысты. Ныртæккæ азымджынтæ сты ахст. Сæ ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Гæнæн ис, æмæ ахæстоны фæбадой 6 азы онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой давджыты
Категория:
Новости и СМИ