Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты архайдзысты Цæгат Ирыстонæй 30 спортсмены
Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты архайдзысты Цæгат Ирыстонæй 30 спортсмены. Уыдоны ’хсæн Тускъаты Азæмæт, Байаты Давид, Рæмонты Сослан, Сидахъаты Зауырбег æмæ Цæболты Хетæг. Ерыстæ цæудзысты Наро-Фоминскы 15-æй -18-æм октябры онг. Хъæбысæйхæцджыты сæйраг тренер Гозымты Хетæг куыд бафиппайдта, афтæмæй спортсментæ сты кæронбæттæн къæпхæны. Чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ, сараздзысты иугонд командæ. Уый абалц кæндзæн дунеон чемпионатмæ, ацæудзæн Сербийы, декабры. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты архайдзысты Цæгат Ирыстонæй 30 спортсмены
Категория:
Новости и СМИ