Æрæфы районы нывыл кæнынц æхсæнадон бынæттæ федералон проект фæлгæты
Ног къахвæндæгтæ, бандæттæ, рухсдæттæн системæ. Цæгат Ирыстоны фæлладуадзæн бынæттæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Уый къухы `фты цæрæнбынæтты ифтонгдзинад æмбæлгæ кæныны федералон проекты фæлгæты. Программæйы сæйраг нысан - адæмы удæнцой. Ныридæгæн куыстытæ цæуынц республикæйы алы ран дæр. Æрæфы районы проект куыд æххæст кæнынц, уый радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ. Цыколайы сæйраг уынгыл цæттæгæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Кусджытæ калынц зæронд асфальт. Национ проекты фæлгæты фæндаджы уæлцъар ногæй баивдзысты. Хъæуы цæрджыты бон уыдзæн ацы бынаты сæ уæгъд рæстæг æрвитын. Фæзындзæн дзы бандæттæ, рухсдæттæн системæ, гæрæнтæ. Уый фæрцы сывæллæтæн тезгъо кæнынмæ дæр фадат уыдзæн. Ахæм фæлладуадзæн бынат хъæуы астæу фæзынд Лескены цæрджытæн дæр. Ам проектыл бакуыстой дыууæ къæпхæнмæ гæсгæ. Фыццаг уал, 2018-æм азы сарæзтой гæрæнтæ, къахвæндæгтæ æмæ бандæттæ. Уый фæстæ хи ирхæфсæн бынаты æппæт уавæртæ сарæзтой сабитæн дæр. Дарддæр кæцы æхсæнадон бынат снывыл кæндзысты, уый цæрджытæ равзардзысты сæхæдæг. Схъæлæс кæнæн уыдзæн сæрмагонд социалон хызæгты 26-æм апрелæй 30-æм маймæ. Æрæфы районы цæрджытæ æвзардзысты 6 æхсæнадон бынатæй иу. Адæмы фæндмæ гæсгæ Цыколайы сарæзтой Уæлахизы парк. Афæдзы размæ дæр ма ацы бынат уыди хъамылы бын. Ныр дзы фæзынд фæлладуадзæн бынат цæрджытæн. Ацы аз парчы сараздзысты спортивон æмæ сывæллæттæн хъазæн фæзтæ. Æдæппæтæй ацы аз проекты фæлгæты районæн рахай кодтой 12 милуан сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрæфы районы нывыл кæнынц æхсæнадон бынæттæ федералон проект фæлгæты
Категория:
Новости и СМИ