2020 æм азы горæтгæрон районы 10 хæдзарады сæ райрæзтæн райстой гранттæ 29 милуаны æмæ 800 мин сомы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

Горæтгæрон районы 15 фермерон хæдзарадæн 2021-æм азы фæзындзæн ног фадæттæ. Ныридæгæн аразынц проекттæ Хъæууон хæдзарады министрады гранттæ райсынæн. 9-æй 15-æм мартъимæ уыдзæн гæххæттытæ бадæттæн грант «Семейная ферма», зæгъгæ, райсынмæ. Федералон æмæ регионалон бюджетæй сыл бахардз кæндзысты 116 милуан сомы. 22-æй 29-æм мартъимæ та курдиат бадæттæн ис «Агростартап»-мæ. Уый фæлгæты та Цæгат Ирыстоны фермертæ æдæппæтæй райсдзысты 124 милуан сомы. Фарон уал районы паддзахадон æххуыс райстой 10 хæдзарады. Архайынц æнтыстджын къахдзæфтæ кæныныл. Хъæууон хæдзарады Хуыгаты Эдуард йæхи фæлвары 5 азы бæрц. Райдыдта зæххы куыст кæнынæй. Фæлæ фарон йæ бинойнагимæ сфæнд кодтой стурвос самал кæнын. Фаг фæрæзтæ нæ разынд æмæ курдиат балæвæрдтой Хъæууон хæдзарады министрады грантты программæ «Агростартап»-ы бацархайынмæ. Ныридæгæн сæм ис 15 роды. Фидæнмæ сын сæ нымæц 2 хатты фæфылдæргæнинаг сты. Уæд райдайдзысты дзидза уæй кæнын дæр. Ахæм фæндагыл рауадысты Засеты бинонтæ дæр. «Агростартап»-ы грант райстой 2019-æм азы. Фæпайда сын ис. Ныр Хуыгатæ æмæ Засетæ, цæмæй сæ хæрдзтæ фæкъаддæр уой, уый тыххæй сæ хæдзарæдтæ баиу кодтой. Фаронæй нырмæ кæнынц æмгуыст. Грантисджыты хæдзарæдты райрæзтмæ районы управлени æппынæдзух йæ хъус дары. 2021-æм азы Хъæууон хæдзарады министрады гранттæ райсынвæнд кæнынц Горæтгæрой районæй ноджыдæр 15 хæдзарады. Не `рмæджы хъайтартæ, Тарскæйы фермертæ та уал тырнынц æнтыстджын хатдзæгтæм. Æрвылбон архайынц сæ хæдзарæдты райрæзтыл, æххуысмæ мæ фæйнæ дыууæ адæймагмæ дæр фæдзырдтой. Æрмæст ацы аз сæмбæлдысты зындзинæдтимæ. Куыд æмбæлы, афтæ сын нæй фадат холлаг самал кæнынæн. Уый тыххæй æнхъæлмæ кæсынц хъом хизынмæ аскъæрыны афонмæ. Хæдзарæдты алфамблай сæрвæттæ фаг ис. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

2020 æм азы горæтгæрон районы 10 хæдзарады сæ райрæзтæн райстой гранттæ 29 милуаны æмæ 800 мин сомы

Категория:

Новости и СМИ