Цæгат Ирыстоны фæзынд дамгъæ «Æ» йы хуызæн ног арт объект
Ног арт-объект фæзынд Цæгат Ирыстоны. Ацы хатт сарæзтой дамгъæ «Æ»-йы хуызæн егъау конструкци. Йæ аразджытæ сты сфæлдыстадон æрмадз «Mah Kond»-ы уæнгтæ. Æстæймаг арт объект конд у згъæр æмæ хъæдæрмæгæй. Сфидар æй кодтой Фыййагдон æмæ Дæргъæвсы `хсæн. Афæдзы кæронмæ нæ республикæйы сифтонг кæндзысты ноджы 10 ахæм объекты. Ныридæгæн уал алы рæтты сæвæрдтой Бæркады сыкъа, Нарты Сосланы фаттæ, хъисын фæндыр, скифаг цирхъ, сыкъайы хуызы бадæн æмæ айдæнæй конд фыранк. Æрæджы та ма Зæрæмæджы гидроэлектростанцæмæ хæстæг фæзынд Хетæгкаты Къостайы сурæт. Аразы сæ Цæгат Ирыстоны туризмы комитет сæрмагонд программæ «Обустройство мест показа», зæгъгæ, уымæ гæсгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны фæзынд дамгъæ «Æ» йы хуызæн ног арт объект
Категория:
Новости и СМИ