Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 21 адæймаджы
Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 21 адæймаджы. Пандемийæйы райдиан республикæйы фæрынчын сты 173-йæ. Уæрæсеимæ арæнтæ куы байгом сты, уæдæй нырмæ – 83 адæймаджы. Хуссар Ирыстоны Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центры сæйраг дохтыр Томайты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд суткæмæ сарæзтой 95 иртæсты. Рынчынтæ дзæбæх кæнынц сæ хæдзæртты, фæлæ кæцыдæрты бахъуыд госпитализаци. Абон дыууæ скъолайы æмæ рæвдауæндоны сæхгæдтой карантины. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Бирæвæрсыг медицинон центры сывæллæтты рынчындон ифтонг æмæ цæттæ кæнынц низ куы апарахат уа, уæдмæ. Бахъуаджы рæстæг уагдон æххуыс кæндзæн COVID-19-æй 100 рынчынæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 21 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ