Фонтаны фæзы байгом къахдзоныгътыл бырæн ихын бынат
Ихыл къахдзоныгътыл бырын цæрджытæн ныр у сæ уарзондæр зымæгон спорты хуызтæй иу. Ихын фӕзмӕ цæуынц бинонтæй. Къахдзоныгътæ райсынмæ лæууынц рады. Сывæллæтты цины хъæлæба та хъусы дардмæ дæр. Къахдзоныгътыл фидарæй лæууын алкæй бон нæу. Фæлæ, фæлтæрдджын инструкторты ныхæстæм гæсгæ, сахуыр кæнынмæ хъæуы æрмæст фæндон. Раздæр гом каток уыди сæйарг паркы. Фонтанты фæзмæ йæ ахæссын уыд цæрджыты фæндон. Горæты центрæй дæрддзæф районтæй сывæллæттæн хъазæн бынæттæ фаг нæй. Сæ сабиты аласыны фадат дӕр алкæмæн нæй. Ихын фæз сарӕзтой Санкт-Петербургæй специалисттæ. Ихын цъар фæлтæрдтой сæхæдæг. Ам ихыл бырынӕн фадат ис райсомы 10 сахатӕй изӕры 11 сахатмӕ. Иу сеанс цæуы 45 минут. Алы сенсы фæстæ дæр их цæуы сыгъдæггонд. Хи арæзт их хæссы 10 градусы онг хъарм. Цæрджыты бон цас уыдзæн ихыл бырын, уый та у æрмæст боныхъæдæй аразгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv