Архонкæйы рынчындоны æмæ сывæллæтты республикон рынчындоны дзæбæх кæндзысты COVID-19-æй рынчынты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Республикæйы дохтыртæ дарддæр исынц æмæ дзæбæх кæнынц, тæссаг низ кæмæ сбæрæг, уыдоны. Коронавирусы инфекци та ногæй йæ тыхы бацæуынмæ кæй хъавы, уымæ гæсгæ дзæбæхгæнæндæттæ сæхи цæттæ кæнынц фылдæр рынчынтæм. Архонкæйы рынчындон æмæ сывæллæтты клиникон рынчындоны инфекцион хайад ныридæгæн сты цæттæ. Сæрмагонд медицинон дарæс скæнын, æрмкъухтæ æмæ, æнæмæнг, низæй хи хъахъхъæнæн мадзæлттæ. Уый у медицинон кусджыты фæлварæн коронавирусæй рынчын адæмы дзæбæх кæныны размæ. Фæлæ Елена Артамонова куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддаджы ногæй ницы ис. Нæ рох кæнынц низ куы стынг, уыцы рæстæг. Æнæнхъæлæджы уавæрмæ Архонкæйы бацæтæ кодтой бынæттæ. Рынчындоны палатæтæ ифтонг сты 100 адæймагæн. Дзæбæхгæнæндонмæ рбаласынц хъæугæ хостæ æмæ хи хъахъхъæныны мадзæлттæ. Сынтæджытæ бацæттæ кодтой республикон клиникон рынчындоны дæр. Бахъуаджы рæстæгмæ цæттæ у, 100 адæймаджы кæм æрæвæрæн кæм ис, ахæм дыууæуæладзыгон корпус. Ифтонг у сывæллæтты рынчындоны инфекцион хайад дæр. Иу бонмæ коронавирусы стационартæм æрбаластой 35 адæймаджы. 50-йæ фылдæр сты уæззау уавæры, 11-æй сты улæфæн аппаратты бын. Республикæйы рынчындæттæ ног коронавирусы хуызимæ цæттæ сты тох кæнынмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv