Дигорайы байгом кодтой мемориалон фæйнæг Советон Цæдисы хъæбатыр Къесаты Астанæн
Советон Цæдисы хъæбатыр Къесаты Астанæн кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг Дигорайы 2-æм скъолайы. Уым ахуыр кодта нæ зындгонд æмзæххон. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Гитлеры наутæ ризæгау кæмæй тарстысты, уый уыд Цæгат Ирыстойнаг наудзог. Астан æнтыстджынæй æмæ тынг арæхстджынæй къаманды кодта дæлдондзæуæг нау М-117-æн. Иу æмæ дыууæ хатты-иу уый æвзыгъдæй нæ алыгъд знаджы бырстытæй. 105 арфдзæуæг бомбæтæй йыл иу дæр нæ сæмбæлд. Хъæбатыр ирон лæппу та фæдæлдон кодта 9 фашистон баржæйы. Къесаты Астан хъазуатонæй архайдта Кавказы тохы дæр. 1-æм къæпхæны капитан ныгæд ис Севастополы. Уым йæ номыл 3 азы размæ байгом кодтой горæты сквер дæр.