Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæ сарæзтой ахуыртæ
82 адæймаджы. Сæрмагонд техникæйы 16 иуæджы. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управленийы специалисттæ сарæзтой ахуыртæ. Расидтысты сæ горæты базарадон центртæй иуы. Дзæуджыхъæуы базарадон центртæй иуы ацыдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыртæ. Хъуыддагмæ бæрнон цæстæй æркастысты. Сæумæ райсом бынаты скуыста фæдисы дзæнгæрæг. Рудзгуытæй фæздæг цæуын райдыдта. Мæнг фыдбылызы бынатмæ æвæстиатæй æрбалæууыдысты ирвæзынгæнджытæ. 82 адæймаджы. Сæрмагонд техникæйы 16 иуæдджы. Зынгхуыссынгæнæн хæдтулгæтæй уæллдай-ма бынаты ’рбалæууыдысты тагъд æххуысы къареттæ. Цалынмæ мобилон кусæнгарзæй бæстыхайыл дон кæлы, уæдмæ ирвæзынгæнджытæ батагъд кодтой мидæмæ. Ахсджиаг дæр у, дуканийы цы адæм ис, уыдоны æдас ранмæ рахонын. Æмæ уый сæ къухы æнтыстджынæй бафтыд. Ахуыртæ цыдысты 27 минуты. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн сæ архайдæй баззадысты разыйæ. Уæдæ базарадон центры кусджытæ дæр фыдбылызы ныхмæ арæзт архайдмæ сарæхстысты. Мадзал ахсджиаг кæй уыд, уый бафиппайдтой ирвæзынгæнджытæ дæр. Æнæнхæлæджы уавæрты министрады ахæм хуызы ахуыртæ афæдзы дæргъы цыппар хаттæй къаддæр нæ расиды. Уый у æнæмæнг хъуыддаг. Уый та уый тыххæй, æмæ практикон ахуырты рæстæг æцæг лæгдзинад æвдисын кæм бахъæуы, уым зындзинæдтæм хуыздæр сарæхсынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæ сарæзтой ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ