Цæгат Ирыстоны, куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр схиздзысты коммуналон лæггæдты æргътæ
Цæгат Ирыстоны, куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр схиздзысты коммуналон лæггæдты æргътæ
Цæгат Ирыстоны, куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр схиздзысты коммуналон лæггæдты æргътæ. Республикæйы уыцы бæрæггæнæн уыдзæн 10,2%-мæ хæстæг. Электрон тыхы аргъ сырæздзæн 5-æй 5 сомы æмæ æрдæгмæ. Газæн ныр фидын хъæудзæн 7 сомы æмæ 77 капеччы. 13% та фæфылдæр уыдзæн дон æмæ хъармæй ифтонгады аргъ. Хицауады уынаффæмæ гæсгæ æппæты фылдæр аргъ 13,67%-æй бæрзонддæр хъуамæ ма уа. Уый аразгæ у "Энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты æнтыстджын экономикон рæзты" программæйæ.