Уæрæсейы 54% фæлхасгæнджытæ æвзарынц хæрзхъæддзинады нысанимæ продукци
Базарад æмæ фæлхасгæнджыты ахастдзинæдтæ ивынц рæстæджы домæнтæм гæсгæ. Фæстаг азты уæлдай æргом здæхт цæуы экологи бахъахъæнынмæ. Пайдагæнджытæ арæхдæр равзарынц экологон æгъдауæй сыгъдæг продукци. Фылдæр хатт зынаргъдæрæй. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Тæрхæджытыл æрзилыны размæ, æнæмæнг, рагацау хъæугæ хойрæгты хыгъд бацæттæ кæнын. Ахсджиаг у мацы ферох кæнын. Афтæ, базарадон бынæттæ æмæ дуканитæм æрбацæуынц фæлхасгæнджыты фылдæр хай. Хъæбæлоты Дианæ ацы хъуыддагмæ бæрнон цæстæй кæсы. Хойраг йæ чыргъæды нывæрыны размæ йын æнæмæнг æркæсы дзæкъулыл цы фыст ис, уымæ. Фæстаг азты фæлхасгæнджытæ сæ хъус бæстондæрæй дарын райдыдтой хойрæгты хæрзхъæддзинадмæ. Сæрмагонд аналитикон холдингы сарæстой бæлвырд иртæстытæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ, фæлхасгæнджыты 54 процент равзардзысты йæ дзæкъулыл уæрæсейаг хæрзхъæддзинады нысан кæмæн ис, ахæм продукци. Цæмæй хæрзхъæддзинады нысан æвæрыны бар райсай, уый тыххæй продукци хъуамæ æнтыстджынæй ацæуа иртæстытæ. Уымæй уæлдай ма йæ цы куыстуаты уадзынц, уый та хъуамæ ацæуа Уæрæсейы хæрзхъæддзинады сертификаци «Хæрзхъæддзтнады нысан»-имæ продукци абон ссарæн ис Уæрæснейы æппæт федералон æмæ регионалон базарæдтæ æмæ дуканиты дæр. Продукцийы хыгъд у егъау. Æрмæст æй 2021-æм азы райстой 100 товармæ 'ввахс. Бирæ зындгонд куыстуæттæ та се 'ргом здахын райдыдтой экологон хъуыддагмæ. Уымæн дæр ис сæрмагонд нысан: ЭКО, БИО, ОРГАНИК, æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ, арæх дзæкъулыл цы информаци вæййы, уый разыны мæнг. Цъæх нысан арæх вæййы фенæн хими, косметикæ æмæ хойрæгтыл. Уый та ууыл дзурæг у æмæ, ахæм дзæкъулæй дыккаг хатт кæй ис спайда кæнæн. Фæлæ уыцы хъусынгæнинаг дæр та бынтон раст нæ вæййы. Специалисттæ фæлхасгæнджытæм сидынц, цæмæй лæмбынæгдæр кæсой продукцийыл цы фыст ис, уыцы хъусынгæнинæгтæм. Æнæмæнг бæрæг кæнын æцæг дæр сертификаци ацыд товар æви нæ. Æмæ сæхи ма бауадзой сайын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv