Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Финансты министрады НИФИ Экономикон райрæзты центры разамонæгимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы Финансты министрады Наукон-иртасæн финансон институты Экономикон райрæзты центры разамонæг Инна Рыковаимæ. Ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны экономикæйы ахсджиагдæр къабæзты райрæзтыл. Иннæ Рыковайы ныхæстæм гæсгæ, бæрæг сты паддзахадон æххуысы уагæвæрдтæ. Сæрмагондæй сæм хауы æхцайы фæрæзтæ хыгъды сæвæрын æмæ сæ бахъахъхъæныны тыххæй бадзырд. Йе руаджы паддзахадæй уыдзæн æнæмæнг хъæугæ æххуыс цыфæнды уавæры дæр. Республикæйы разамонæг фæнысан кодта, хи хæдзарæдты райрæзтмæ кæй хъæуы аздахын сæрмагонд цæстдард æмæ сын баххуыс кæнын. Куысты дыккаг æмвæзад уыдзæн инвестицион проектты арæзтад. Уый фæдыл бакусдзысты бизнес-æхсæнадтимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv