Дзæуджыхъæуы 2 медицинон уагдоны бындурыл байгом ковид-центртæ
Дзæуджыхъæуы 2 медицинон уагдоны бындурыл ныр кусын райдыдтой амбулаторон центртæ ковид иртасыны æмæ дзæбæх кæныны нысанимæ. 1-æм поликлиникæйы йæ байгом кодтой фарон. Коронавирусы инфекцийы миниуджытæ кæмæ ис, уыдонæн фадат ис терапевты æркаст ацæуынæн, стæй хъæугæ анализтæ раттынæн. Центры ма ис КТ-аппарат дæр. Рынчынты ардæм æрбарвитынц æппæт республикæйæ. Иу бонмæ - 50 адæймаджы бæрц. Уыимæ ма арæзт æрцыд мобилон къордтæ, курдиæттæм гæсгæ адæммæ сæ хæдзæрттæм цæуынц райсомы 8 сахатæй изæры 8 сахатмæ. Бахъуаджы рӕстӕг ковид-центр цæттæ у медицинон кусджыты нымæц фæфылдæр кæнынмæ, стæй æхсæвыгонд куысты фæткмæ рахизынмæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv