Дзæуджыхъæуы Промышленон префектурæйы æрдзырдтой горæты санитарон уавæрыл
Дзæуджыхъæуы Промышленон префектурæйы æрдзырдтой горæты санитарон уавæрыл. Æмбырды архайдтой разамынддæттæг компаниты æмæ цæрджыты æмхаларады минæвæрттæ. Горæты префектурæтæ дзуапдæттæг ведомствæтимæ кæнынц горæты санитарон уавæрыл æмгуыст. Ифтонг сæ кæнынц хауæццæгтæ ласæн хæдтулгæтæй, бырон æмбырд кæнынæн æвæрынц фылдæр контейнертæ. Æппынæдзух иртасынц æмæ æфснайынц, æвæстиатæй цы бырондæттæ фæзынынц, уыдон. Уыимæ ма Дзæуджыхъæуы бирæ бынæтты фæзынынц, арæзтадон бырон кæдæм калынц, ахæм бынæттæ. Промышленон районы префект Хестанты Артуры ныхæстæм гæсгæ, уавæр æвзæр кæм у, ахæм хæйттæ нырма бирæ сты. Арæхдæр цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ хæдзæртты кæртыты фарсмæ цы уавæр сæвзæры, уымæй. Дзæуджыхъæуы администраци йæ размæ æвæры хæс - арæхдæр цæрджытимæ æмбæлын æмæ хъуыддагыл æмгуыст кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Промышленон префектурæйы æрдзырдтой горæты санитарон уавæрыл
Категория:
Новости и СМИ