Сергей Меняйло сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта социалон къабазы кусджытæн
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта социалон къабазы кусджытæн. Ветерантæн, ӕххуысцух æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн, се 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у æмæ ныййарджытæ кæмæн нæй, уыцы сывæллæттæн. Ӕххуыс кæныны ахсджиаг хъуыддаг се уæхсджытыл æвæрд ис. Æмæ бирæ хабæрттæ аразгæ сты, фыццаджыдæр, сæ профессионалон миниуджыты 'руаджы. Уæдæ социалон кусæг æнæмæнг, хъуамæ уа хайджын фæлмæн зæрдæ æмæ æгæрон удыхъармæй. Сергей Меняйло бузныг загъта республикæйы социалон кусджытæн сæ хъазуатон фæллойы тыххæй. Стæй, адæймаг хуымæтæджы кæй нæ равзары ацы дæсныйад, уый дызӕрдыггаг кӕй нӕу. Уымæн æмæ ӕрмӕстдӕр адæмы уарзгæйæ ис ацы къабазы бирæ азты дæргъы фæллой кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта социалон къабазы кусджытæн
Категория:
Новости и СМИ