Æхсæнады рæзт æмæ уды хъæздыгдзинадæн
Нæ республикæйы æххуысцух бинонты нымæц иу-цалдæрæй фæкъаддæр. Адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ сын балæвар кодтой хъуццытæ. Цæрджыты фынг фæбæркадджындæр уыдзæн. Дзурдзыстæм ма мадæлон æвзаг ахуыргæнæн чингуытыл дæр. Хъуамæ сæ рауадзой, федералон домæнтыл æнцайгæйæ. Уыцы хъæппæрис ахуырадон хæстæ фæахадгæдæр кæндзæн. Уæдæ нæ Хуызисæджы æппæдунеон бон дæр нæ ферох. Чи уыцы дæсныйадæй йæ къæбæр кусы, кæмæндæр та йæ зæрдæйæн æхсызгон у аивады ацы хуыз. Рæстæджы аууон чи `рцахсы, уыдонæй иу у нæ студийы уазæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv