Цыколайы ацыд адæмон кæфтыты республикон фестиваль «Ирон кафт»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

«Ирон кафт»-ы фестиваль ацыд Цыколайы. 17 ансамблы Ирыстонæй æмæ Кæсæг-Балхъарæй бацæттæ кодтой адæмыхæттыты алыхуызон кæфтытæ. Мадзал аразæг – республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзар. Кафты аивады бæрæгбоны цы хореографион композицитæ уыд, уыдон зындгонд æмæ зынаргъ сты нæ аивадуарзджытæн. Нæ ирон кæфтыты хæзнадоны ахсынц зынгæ æмæ ахадгæ бынат. Фестивалы архайджыты курдиатæн аргъ скæнынмæ цы адæм æрбацыдысты, уыдонæй алкæмæдæр хъæлдзæг зæрдæйы ахаст кæй уыд, ууыл дызæрдыг ничи кодта. Уымæн æмæ сценæйыл тæмæн калдтой кафты дæснытæ. Фæнысан кодтой ног рекорд дæр. Цавæр, уый тыххæй та радзурдзæн нæ уыцхæссæг Дзæдзойты Фатимæ. 300 лæппу æмæ чызджы - иу иннæмæй хæрзконддæр. Гуыр раст æвæрд, сæ къахайст - аив, цæсгомыл - мидбылхудт. Фестивалы фæзыл симды бацыдысты. Ирон лæппутæ, цæргæс йæ базыртæ арвыл зилдух кæнгæйæ куыд сисы, афтæ сæ цæнгтыл схæцыдысты. Чызджытæ та, доны хъазтау, уæздан, сæ цæстытæ бынмæ уагъдæй кафынц. Фестиваль «Ирон кафт» ацы аз æрбангом кодта 500 архайæджы. Уый у, раздæры азтимæ абаргæйæ, дыууæ хатты фылдæр. 17 ансамблы - уыдонæй 2 - Кæсæг-Балхъарæй - адæмы рæгъмæ рахастой адæмы хæттыты алыхуызон кæфтытæ. Се 'хсæн тымбыл кафт, ерысы кафт, нымæттимæ кафт. Ирон кафты фестиваль ныр 5-æм хатт сарæзта нæ республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзар. Фыццаг азты-иу ацыди Дзæуджыхъæуы. Ныр 2 азы дæргъы Ирыстоны кафаг фæсивæды суазæг кæны Æрæфы район. Архайджытæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты Æрæфы районы сæргълæууæг Гуцъунаты Хъазыбег, Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лæгкуты Омар æмæ районы культурæйы хайады разамонæг Зехъеты Хетæг. Йе ‘ххуысы хай бахаста нæ республикæйы Культурæйы министрад дæр. Къубалты Эльбрусы номæй Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары разамонгæг Лалыты Хъазыбег схъорзæхджын кодта кады нысæнттæй æппæт ансамбльты æмæ Æрæфы районы минæвæртты. Фестиваль фыццаг цыди нæхи фæсивæды 'хсæн. Фæлæ кафты «æвзагыл» дзургæйæ дунейы цæрæг адæмты дæр æрбангом кæнæн ис, зæгъынц йæ аразджытæ. Адæмтæ кæрæдзи æгъдæуттæ æмæ культурæ базонынмæ куы фæбæллынц, уæд сабырдзинад æмæ æфсымæрон ахастдзинæдтæ ноджы фидардæр кæнынц. Уый абон банкъардтой кæсгон фæсивæд дæр. Кафаг фæсивæд сæ цæстæнгас, уæнгты змæлд, сæ алы фæзылд æмæ фæкастæй дæр æвдыстой æгæрон уарзт сæ аивадмæ. Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары адæмон кæфтыты сæйраг специалист Цориты Мæдинæ куыд загъта, афтæмæй фидæны фестиваль республикон æмвæзадæй хъуамæ рахиза Цæгат Кавказы къæпхæнмæ. Æрвылаз сæйрагдæр вæййы, цæмæй кæфтытæ уой алыхуызон æмæ сæм аивадуарзджытæ кæсой цымыдисимæ æмæ æхсызгондæрæй. Боны дæргъы кафджытæ цины 'нкъарæнтæ лæвар кодтой, сæ аивадæн аргъ скæнынмæ чи æрбацыд, уыдонæн. Фидæны фестиваль «Ирон кафт»-ы фæлгæты фæнд кæнынц расимын иумæ 1000 лæппу æмæ чызджы. Уый сæ къухы куы бафта, уæд ног рекорд фæнысан кæндзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цыколайы ацыд адæмон кæфтыты республикон фестиваль «Ирон кафт»

Категория:

Новости и СМИ