Æппæтуæрæсеон акци «Вода России» йы рейтингы Цæгат Ирыстон бацахста дыккаг бынат
Æппæтуæрæсеон акци «Вода России»-йы рейтингы Цæгат Ирыстон бацахста дыккаг бынат. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы экологийы министрад. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы æрдзон æвæрæнты министрад расидт зиу. Мадзал сарæзтой экологон марафон «Кавказы сыгъдæг былгæрæттæ» æххæст кæнгæйæ. Паддзахадон æмæ муниципалон бюджетон къабазы кусджытæ, бархионтæ æмæ республикæйы экологон уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм рацыдысты республикæйы цæугæдæтты былгæрæттæ ныссыгъдæг кæнынмæ. Марафон арæзт æрцыди æппæтуæрæсеон экологон акци «Вода России» æххæст кæнгæйæ. Ахæм мадзал цæуы ныр 6-æм аз, æмæ баиу кодта нæ бæстæйы 5 милуан адæймаджы. Æрмæст фарон акцийы бацархайдтой 2 милуан бархионы. Ныссыгъдæг кодтой Уæрæсейы 85 регионы доны объекттæй цалдæр сæдæйы. Йе вæрæн æм бахæссынц доны ресурсты Федералон агентад. Базылдысты Терк, Фыййагдон, Камбилеевкæ, Урух, Харез æмæ æндæр дæтты былгæрæттæм. Бархионты æмрæнхъ æрлæууыдысты журналисттæ дæр. Марафон ацыд куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ Мæздæджы, Горæтгæрон, Алагир, Æрыдон, Дыгур, Æрæф æмæ Рахизфарсы районты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон акци «Вода России» йы рейтингы Цæгат Ирыстон бацахста дыккаг бынат
Категория:
Новости и СМИ