Дзæуджыхъæуы нуазыны дон сабыргай хæццæ кæны цæрджытæм
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ абон цалдæр сахатмæ баззадысты æнæ нуазыны донæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй донцъирæнтæм электрон тых цы дæлстанцæйæ цыд, уый нал куыста. Бынатмæ атындзыдтой оперативон къорды уæнгтæ, бахъуыд сæ цалдæр сахаты, цæмæй дæстанцæйы куыст сног кæной. Райсомырдæм дон чысылгай цæрæн хæдзæрттæм цæуын райдыдта. Цæмæн рауад афтæ æмæ цауы фæстиуджытæ боны дæргъы куыд иуварс кодтой? Ныртæккæ йæ радзурдзыстæм. Дзæуджыхъæуы цæрджытæ абон райсомæй баззадысты æнæ нуазыны донæй. Бирæтæ ацы хъуыддаг базыдтой социалон хызæгтæй. Уый аххосæй Дзæуджыхъæуы цалдæр скъолайы ахуырдзауты сæ хæдзæрттæм арвыстой. Дзагуырты Фатимæ: «Ныййарджытæ нæ абон райсомæй фарстой, куыд бакæной, зæгъгæ. Арвитой сæ сывæллæтты скъоламæ æви нæ. Æнæ донæй кæй баззадыстæм, уый фæдыл мах рахастам уынаффæ сывæллæтты хæдзармæ арвитын. Уый тыххæй бацæттæ кодтам сæрмагонд гæххæтт. Ахуыргæнджытæн дæр раттам бар скъолайæ ацæуынæн». 8 сахатмæ ввахс, «Уæрæсейы хызæгтæ Цæгат Кавказ»-ы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй донцъирæнтæ æфсадæг дæлстанцæйæ электрон тых ногæй цæуын райдыдта райсомы 7 сахаты æмæ 15 минутыл. «Редант»-ы дæлстанцæйы бæллæхы аххосæгтæ уыцы-иу рæстæг специалисттæ бæрæг кодтой. Михаил Россихин, «Уæрæсейы хызæгтæ Цæгат Кавказ – Цæгаткавказэнерго»-йы филиалы сæйраг инженеры хæдивæг: «35 киловольты дæлстанцæ баззад æнæ электрон тыхæй. Уыцы рæстæг кодтам æмбæлгæ куыстытæ. Оперативон къорд бынаты бакуыста æмæ куыд гæнæн уыдис, афтæ тагъд электрон тых донгуырæнмæ фæхæццæ ис». Дзуаппдæттæг бæрнон кусæндоны минæвæрттæ фæсидтысты адæммæ, цæмæй хъуыддаг бамбарой æмæ иучысыл бабыхсой. Донæмбырдгæнæнтæ байдзаг кæнынæн сæ бахъуыд цалдæр сахаты. Цæрджытæм райдыдта кæлын боны дыккаг хайы. Иуæй-иутæ фыссын райдыдтой, зæгъгæ, дам, чъизийæ кæлы. Фæлæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ доны хæрзхъæддзинадмæ здахынц сæрмагонд цæстдард. Республикæйы прокуратурæ хъуыддагмæ аздæхта сæрмагонд цæстдард. Æппæт куыстытæ куы бакæной, уæд сæ уынаффæ дæр сбæрæг уыдзæн. Аххосджын исчи куы разына, уæд дзуапп ратдзæн закъоны бындурыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы нуазыны дон сабыргай хæццæ кæны цæрджытæм
Категория:
Новости и СМИ