Дигорайы бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыри

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Æнæхъæн къуыри Цæгат Ирыстоны кæмтты, хъæуты, стæй Дзæуджыхъæуæн йæхи мидæг алы хæдзары дæр адæм кувдзысты æртыгай чъиритæй Хуыцаумæ, йæ минæвæрттæм, зæдтæ æмæ дауджытæм сыгъдæг зæрдæйæ. Бæрæгбон у стыр æмæ кадджын. Адæмы æрбангом кæны, йæ хъуыдытæ, фæндтæ æмæ бæллицтæ сын сиу кæны. Йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ абон алы хæдзары дæр бæрæгбоны номыл конд æртæ уæлибæхæй скувдзысты, цæмæй бинонтæ фæрныг цæрд кæной æмæ сыл фидæны ацафон ноджы бæркадджындæр æрцæуа. Золойты хæдзары бæрæгбонмæ цæттæ кæнын райдыдтой райсомæй раджы. Хæдзары æфсин сцæттæ кодта йæ хыссæ. Фыццаг æртæ чъирийы хъуамæ ракувой кусарт скæныны размæ. Нæлгоймæгтæ æртæ чъирийы уæлхъус скувынц стыр Хуыцаумæ, ссарынц Лæгты дзуары ном. Кусæрттагыл дзуар бафтауынц зынгæй. Афтæмæй сын, адæмы ныхæстæм гæсгæ, сæ куывтытæ Хуыцау хуыздӕрӕн айсдзæн. Кусæрттаг хъуамæ хæдзары æппынкъаддæр иу æхсæв фæуа. Фысæн йæ æргъиу та баппарынц къулыл. Хорз куы ныххæца, уæд уый ууыл дзурӕг у, æмæ хæдзары сиахс йæ каистыл фидар хæцы. Дигорайы лæгты дзуармæ кувын райдайынц Джеоргуыбайы мæйы æртыккаг къуырисæры. Куыд æнæхъæн Ирыстоны, афтæ Дигорайы цæрджытæн дӕр у кадджындæр æмæ уарзондæр бæрæгбон. Золойты Тамерланæн ацы бæрæгбон уæлдай зынаргъ у. Алы аз дæр ыл сыгъдæг зæрдæ æмæ хъуыдытимæ сæмбæлы. Ацы аз та бæрæгбоны фæдыл Лæгты дзуары хуыз йæхи къухтæй скодта. Адæм сыхы мидæг цæуынц кæрæдзимæ. Сæмбырд вæййынц изæрмæ хæстæгдæр. Сæ хойрагæй фæдзæхсынц сæхи Хуыцауы минæварыл æмæ дзы курынц амонд, æнæниздзинад, бæлццæттæн та рæсугъд фæндæгтæ. Фынгыл вæййы 9 чъирийы. Æртæ æртæдзыхоны скувынц лæгты дзуарæн. Иннæ æртæ чъирийӕ ссарынц Стыр Хуыцауы ном ӕмӕ быдыры зæдты нæмттæ. Дигорайы бæрæгбон бæрæг кæнынц æрмæст къуырисæры. Кувдзысты суанг зæронд ног азы онг. Хуасдзауты Алинæ  _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дигорайы бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыри

Категория:

Новости и СМИ