Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы аиуварс кодтой æвæстиатæй цы бырондон фæзынд, уый
Æрдзы сыгъдæгдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм басгуыхтысты. Бавдæлдысты æмæ Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы цæхæрадæтты æмхæлæларад «Весна»-йы, æвиппайды цы бырондон сæвзæрд, уый аиуварс кодтой. Бынæттон цæрджытæ фехъусын кодтой пъæлицæмæ æмæ горæты администрадцимæ. Бырондон аиуварс кодтой префект æмæ цæрджыты хъарутæй. Сифтонг сæ кодтой хъæугæ кусæнгæрзтæй. Цы æвгтæ сæмбырд кодтой, уыдон утилизаци скодтой. Аххосджынты та бафхæрдзысты административон æгъдауæй. Ныртæккæ сæ агуры пъæлицæ. Районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй, кæд ивартæ нысан кæнынц, уæддæр адæм сæ арæзтадон бырон кæм не ’мбæлы, уым калынц. Контейнертæм сæ нæ фæхæццæ кæнынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы аиуварс кодтой æвæстиатæй цы бырондон фæзынд, уый
Категория:
Новости и СМИ