Ацæргæ адæмы боны фæдыл арфæ ракодта Битарты Вячеслав
Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц ацæргæ адæмы бон. Бæрæгбоны фæдыл карджын адæмæн арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Фæнысан сын кодта сæ фæллоййадон æнтыстдзинæдтæ, сæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ хæстон фæндæгтæ. Уыимæ ма сæргълæууæг бафиппайдта, хистæр кары адæмы рохуаты уадзӕн кæй нæй, уый. Уыдонмæ ӕргом здахын æрмæст бæрæгбæтты нæ, фæлæ æппынæдзух хъæуы. Ныртæккæ Цæгат Ирыстон цæры, 100 азы сæрты чи ахызт, 72 ахæм сылгоймаджы. Æнусæй фылдæр чи цӕры, уыцы нæлгоймæгты нымæц та у 13. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ацæргæ адæмы боны фæдыл арфæ ракодта Битарты Вячеслав
Категория:
Новости и СМИ