Заводы поселочы 20 азы дæргъы нæй рухсгæнæн системæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Æнæ рухсгæнæнтæй æмæ æнæ сæрмагонд нысантæй. Ахæм уынджы ацæуын адæймагæйн вæййы тæссаг. Заводы поселочы цæрджытæ сæ зæрдæ нал дарынц, сæ райхалинаг фарстамæ сын исчи йæ хъус æрдардзæн, ууыл. Ацы уадздзагыл арæх æрцæуынц фæндаггон фыдбылызтæ дæр. Бынаты балæууыд не сфæлдыстадон къорд. Се ’рмæгмæ бакæсæм. Æхсæвдалынгты ацы фæндаг æрмæстдæр машинæты цырæгътæй рухс кæны. Дудайты Константинæн уыцы хъуыддаг æнæзонгæ нæу. Шофыр йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æрвылбон дæр куыстмæ тæрсгæ-ризгæйæ фæцæуы. Фæндаджы ацы уаддзагыл бирæ хæттыты æрцæуынц фæндаггон бæллæхтæ, æмæ, цæмæй фæндаггон фыдбылызы ма бахауа, уый тыххæй йæ хæдтулгæйы скусын кæны уæлæмхасæн рухс. Зындзинæдтæ æййафынц фистæг бæлццæттæ дæр. Ауылты маршруткæтæ сæ фæндаг кæнгæ дæр нæ ракæнынц. Диссаг нæу. Фæндаджы ацы хай тæссаг у. Нæй дзы фæндаггон нысæнттæ дæр. Цæрджыты бахъæуы горæтмæ фистæгæй цæуын. Уынджы дæргъ у 3,5 киллометры. 20 азы размæ дзы ног хæдзæрттæ иу иннæйы фæдыл аразын райдыдтой. Ныр æппынкъаддæр сты сæдæ. Фæлæ канд ацы фарста нæ тыхсын кæны цæрджыты. Ам асфальт дæр нæй. Цæрджытæ æрвылбон дæр кæнæ цъыфты цæуынц, кæнæ та фæндагмæ рахизынц. Уый та æдас нæу. Цалдæр азы размæ дзы фæндаггон фыдбылызы фæмард æртæаздзыд сывæллон. Уавæр кæд сæвзæрд, уæдæй-абонмæ сæ хъаст хæссынц алыхыуызон бæрнадтæм. Фæлæ бæлвырд дзуапп ничи дæтты. Не сфæлдыстадон къорд фарста райхалынмæ бавдæлдысты. Заводы поселок хауы Дзæуджыхъæумæ. Паддзахадон автоинспекцийы минæвæрттæ дæр сæхирдыгæй архайынц фарста аиуварс кæныныл. Уæвгæ, уавæр хорзырдæм раивыны гæнæнтæ дæр ссардтой. Поселочы цæрджыты ныр хъæуы банхъæлмæ кæсын, уыимæ зæрдæ дарын тагъд рæстæджы сæ уынг æдас æмæ райдзаст кæй суыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv