Дзæуджыхъæуы 33-æм маршруты хæдтулгæтæ кусынмæ рацыдысты
Дзæуджыхъæуы уынгтæм ногæй рацыдысты 33-æм номыры автобустæ. Ивгъуыд азы пандемийы рæстæг æхсæнадон транспорты куыст куы баурæдта, уæдæй фæстæмæ 33-æм номыр фæндæгтыл нал фæзынд. Цæрджытæ уый фæдыл хъаст кодтой. Се 'ргом æм аздæхтой промышленность æмæ транспорты министрады. Афтæмæй номыры маршутон такситæ куыст сног. Ныртæккæ уал адæмæн лæггад кæнынц 8 хæдтулгæйы. Фæлæ бæлццæттæласæг куыстуаты разамынд куыд фæнысан кодта, афтæмæй сыл тагъд рæстæджы дзæвгар бафтдзæн. Уæд цæудзысты фондз минутæй фондз минутмæ. 33-æм маршруты хæдтулгæтæ иу иннæйы фæстæ цæуынц. Сæ куыст райдайынц райсомы авд сахатыл æмæ суанг изæрмæ ласынц бæлццæтты. Ныр адæм сахатгай уынгты лæугæйæ нал баззайынц. Турманты Кристинæ у медицинон академийы 2-æм курсы студенткæ. Æхсæнадон транспортæй пайда кæны æрвылбон. Йæ хæдзармæ тæккæ хæстæгдæр цæуынц 33-æм маршрутон такситæ. Куыд зæгъы, афтæмæй цалынмæ нæ куыстой, уæдæ-иу йæ балц ахуырмæ, стæй фæстæмæ рауад дæргъвæтин æмæ зынвадат. Турманты Кристинæ, медицинон академийы студенткæ: «Арæхдæр, хæдзармæ цæугæйæ, маршрутон таксимæ дыууæ сахаты дæргъы дæр æрлæууæны лæугæйæ баззайын. 33-æм номыр кæй нæ цыд, уый мын зын уыд. Кæдæй-уæдæй йæ сног кодтой æмæ та дзы спайдагæнæн ис. Уый тынг хорз у. Ныр-иу адæймаг йæ хæдзармæ кæд афойнадыл бахæццæ уаид». 2020-æм азы мартъийы пандемийы рæстæ маршрутон такситы куыст куы баурæдта, уæдæй фæстæмæ 33-æм маршрутыл адæмы цæст нал хæцыд. Шофыртæн сæ фылдæрыл цыд 60 азæй фылдæр, æмæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны фæткмæ гæсгæ, куыстмæ нал рацыдысты. 33-æм маршрут йæ куыст сног кодта 10 боны размæ. Хæдтулгæтæ райсомæй раджы рацæуынц Ногирæй Остъаты Алексийы номыл уынгæй. Цæуынц Дзæуджыхъæумæ Шмулевичы номыл уынджы онг. Маршруты балцвæд даргъ у. Боны дæргъы суанг изæры онг æрзилы дыууын уынгæй фылдæрыл. Куыннæ ма хъуамæ бафиппайдтаиккой адæм, маршрутон такситæ фæндæгтæм кæй нал цыдысты, уый. Ныртæккæ уал Дзæуджыхъæуы уынгтæм рацыд æрмæстдæр аст маршрутон таксийы. Уымæ гæсгæ уал иуæй иннæйы фæзындмæ бахъæуы фынддæс минутæй. Фæлæ бæлццæттæласæг куыстуаты æхсызгонæй агурынц шофырты, цæмæй сæ сæхимæ райсой. Афтæмæй тагъд рæстæджы кæройнаг æрлæууæнæй хæдтулгæтæ цæудзысты алы 5 минуты дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 33-æм маршруты хæдтулгæтæ кусынмæ рацыдысты
Категория:
Новости и СМИ