Мӕздӕджы кадджын уавӕры байгом кодтой гвардийы рӕнхъон Карен Шишкины бюст
Фӕлтӕрты 'хсӕн бастдзинад. Мӕздӕджы 7-ӕм скъолайы кадджын уавӕры байгом кодтой гвардийы рӕнхъон Карен Шишкины бюст. Цыртдзӕвӕн сӕвӕрдтой, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕй чи фӕмард, уыдоны бинонты организацийы республикон хайады ӕмӕ "Хӕстон Ӕфсымӕрдзинады" хъæппæрисæй. Мадзалы архайдтой Мӕздӕджы администрацийы æмæ 4-ӕм гвардион ӕфсӕддон базӕйы минæвæрттæ, ветерантӕ, ахуыргӕнджытӕ, ахуырдзаутӕ. Карен Шишкин райгуырд Мӕздӕджы ӕмӕ каст фӕци 7-æм скъола. 1995-æм азы 1-æм январы Грознамæ ныббырсты рæстæг йæ танк ныппырх. Уӕззау цӕф фæци лæппу, фæлæ дарддӕр тох кодта. Размӕ бырсӕг колоннӕйӕн фӕндаг суӕгъд кодта. Судзгӕ танкӕй раирвӕзын 20-аздзыд хӕстонæн йӕ къухы нал бафтыд. Президенты указмӕ гӕсгӕ Карен Шишкинӕн, йӕ мӕлӕты фæстæ, лӕвӕрд ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы Хъӕбатыры ном. Сси Сызгъӕрин Стъалыйы ӕрыгондӕр кавалертӕй иу.