Уæрæсейы Президент Владимир Путин рахæцыд 31-æм декабрь улæфæн бон скæныны хъæппæрисы фарс
Уæрæсейы Президент Владимир Путин рахæцыд 31-æм декабрь улæфæн бон скæныны хъæппæрисы фарс. Уый тыххæй бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта абон Паддзахадон Совет, стæй стратегион райрæзт æмæ нацпроектты Советы иумæйаг æмбырды. Путины ныхæстæм гæсгæ, Ног азы фæлладуадзæн бонтæм ма иу куы бафта, уæд - цитатæ - «уадиссагæй ницыуал æрцæудзæн, уымæн æмæ йæ не `ппæт дæр æмбарæм, афæдзы фæстаг бон чи куыд фæкусы, уый», - цитатæ фæцис. Фæлæ фæнысан кодта, федералон æмвæзадыл дзы ацы аз кæй ницыуал рауайдзæн. Уый хыгъд фæсидт регионты сæргълæуджытæм, цæмæй йын йæ ныхæстыл ахъуыды кæной æмæ дзы хатдзæгтæ скæной. Иннæ азы та, загъта Путин, 31-æм декабрь фæлладуадзæн боныл банымайдзысты æгас паддзахады дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы Президент Владимир Путин рахæцыд 31-æм декабрь улæфæн бон скæныны хъæппæрисы фарс
Категория:
Новости и СМИ