Дзæуджыхъæ уы трамвайты депо фæстæмæ ис горæты бæрны
Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ трамвайты депо, тыхдæттæг дæлстанцæ æмæ хызæгтæ фæстæмæ сты Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды исбоны. Уый тыххæй фехъусын кодта паддзахадон исбоны æмæ зæххы хæйтты фæдыл ахастдзинæдты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тедеты Руслан. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2014-æм азæй фæстæмæ Муниципалон куыстуат «Дзæуджыхъæуы трамвайтæ æмæ тролейбусты управлени» уыд хицæн адæймæгты къухты. Уæд куыстуат бнымадтой банкротыл æмæ йæ ауæй кодтой аслам аргъæй. Ацы мæйы райдиан Сергей Меняйло паддзахадон исбоны æмæ зæххы хæйтты фæдыл ахастдзинæдты министрадæн бабар кодта рагондæр транспортон куыстуаты бæстыхæйттæ фæстæмæ паддзахады исбонмæ раивын. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ республикæйы разамонæджы фæндонмæ гæсгæ ацы азы кæронмæ Дзæуджыхъæуы фæзындзæн 10 ног вагоны. 2022-æм азы та ма 35. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv