Ахæм хабæрттæ // 2020 / 2 декабря
Газæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, уыдоны ныхмæ профилактикон мадзæлттæ дарддæр арæзт цæуынц. Барадхъахъхъæнджытæ рабæрæг кодтой 633 закъонхæлды, барвæндонæй газы хызæгтæм сæхи хæтæлтæ чи бауагъта, ахæмтæ. Кæрдзыны кæронмæ фæхæццæ кæны ног амбулаторийы арæзтад. Куыстытæм бавнæлдтой фæззæджы. Ифтонг уыдзæн æппæт нырыккон домæнтæ хынцгæйæ. Рамоновы поселок, Елхоты 1-æм скъолайы, Нартыхъæуы, Камбилеевкæйы 1-æм скъола æмæ Архонкæйы 1-æм æмæ 2-æм скъолаты цалцæг кæнынц спортивон залтæ. Бындурон рацарæзт цæуы Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 2 декабря
Категория:
Новости и СМИ