Комгæроны ацыд «Сад памяти», зæгъгæ, æппæтадæмон акци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Республикæйы районты дарддæр цæуы æппæтуæрæсеон акци «Сад памяти». Абон Горæтгæрон районы, Комгæроны йæ фæлгæты сæнусон кодтой Цхуырбаты Иваны рухс ном. Хæстæй нал сæздæхт. Акцийы архайджытæ бакуыстой зæрдæргъæвдæй. Хуыгаты Николай йæ царды цал талайы ныссагъта, уый хъуыды дæр нал кæны. 50 азæй фылдæр кусы Горæтгæрон районы хъæды хæдзарады. Абон йæ зонындзинæдтæ не 'вгъау кæны Комгæроны скъоладзаутæн. Архайынц æппæтадæмон акци «Сад памяти»-йы, зæгъгæ. Скъоладзауты размæ æвæрд уыд сæрмагонд хæслæвæрд - сырх тулдз бæласы 3 мин æмæ сæдæ талайы ныссадзын. Плиты Аннæ архайы зæрдæргъæвдæй. Фæнды йæ, цæмæй тала мæрыл фæхæца. Акцийы фыццаг хатт нæ архайы. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм хъуыддажы бацархайын ын у тынг ахсджиаг æмæ кадджын. Скъоладзаутæн æххуыс кодтой районы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады кусджытæ, уыдонимæ прокуратурæйы кусджытæ. Акци «Сад памяти» æрбангом кодта куыд хистæрты, афтæ кæстæрты. Абон мадзал сбастой Советон Цæдисы хъæбатыр Цхуырбаты Иваны ном сæнусон кæнынимæ. Фæлæ зæгъæн ис, æмæ хæстæй цы хъайтартæ нал сыздæхт, уыдоны рухс нæмттæй иу дæр рох нæ уыдзæн. Сæ зынгхуыст нæмттæ æнустæм баззайдзысты адæмы зæрдæты. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Комгæроны ацыд «Сад памяти», зæгъгæ, æппæтадæмон акци

Категория:

Новости и СМИ