Цæгат Ирыстоны 9 къласы ахуырдзауты 8 мин скъоладзауæй фылдæр ацыдысты кæронбæттæны ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

Абон Уæрæсейы æппæт скъолаты 9-æм кълæсты ахуырдзаутæ ацыдысты кæронбттæны ныхас уырыссаг æвзагæй паддзахадон фæлварæны размæ. Сæхи тынг цæттæ кодтой, уымæн æмæ йæ хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзысты, Иумæйаг паддзахадон аттестацийы чи архайдзæн, уыцы скъоладзауты номхыгъд. Алы адæймагæн дæр лæвæрд уыд 15 минуты хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæн. Куыд сарæхстысты фæлварæны архайджытæ, уый нæ дарддæры æрмæджы. Тексты сæйраг хъуыды раргом кæнын, уыимæ диалог раст рацаразын. Уырыссаг æвзагæй иумæйаг паддзахадон фæлварæны размæ кæронбæттæны ныхас 9 къласы ахуырдзаутæн у ахсджиаг. 44-æм скъолайы ахуырдзаутæ дзуапп раттыны радмæ æнхъæлмæ кæсынц суанг райсомæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, тыхсынц, фæлæ сæ зонындзинæдтыл гуырысхо нæ кæнынц. Кæронбæттæны ныхасмæ цæттæ кæнын райдыдтой сентябры. Фæстаг цалдæр къуыри фæсаууоны хуызы кæй ахуыр кодтой, уый нæ фæкъуылымпы нæдæр ахуырдзауты, нæдæр ахуыргæнджыты. Санитарон-эпидемиологон домæнтæм скъолайы цæуы уæлдай æргом здæхт. Ахуыргæнджытæ маскæты, уæдæ æххæст кæнынц социалон дистанци дæр. Йæ буары тæвд чысыл дæр кæмæн схызт, уыдон кæронбæттæны ныхасмæ не 'рбацыдысты. Цæгат Ирыстоны кæронбæттæны ныхас абон ацыдысты 8 минæй фылдæр скъоладзауы. Сæ дзуаппæн сын аргъ кодтой «зачёт – незачёт» сиситемæмæ гæсгæ. Бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ йæ бон кæмæн не 'сси дзуапп раттын, уыдонæн сбæрæг кодтой уæлæмхасæн бонтæ 9 мартъи æмæ 16 май. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv