Хуыцъистаты Заремæйы банымадтой республикæйы хуыздæр хъомылгæнæгыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Конкурсы руаджы ма сбæрæг республикæйы хуыздæр хъомылгæнаг дæр. Уый разынд Хуыцъистаты Заремæ. Кусы Беслæны 3-æм рæвдауæндоны. Заремæ, йæ уды хъарм не 'вгъау кæны сабитæн. Сси хуыздæр куыд районы, афтæ республикæйы дæр. Куыд архайы сабитимæ æмæ сæйрагдæрыл цы нымайы йæ дæсныйады? Ныр къорд азы Хуыцъистаты Заремæ зæрдæргъæвдæй, мидбылты худгæйæ æмæ фæлмæн ныхасæй хъомыл кæны рæвдауæндоны сабиты. Йæ дæсныйадыл у æнувыд. Сывæллæтты уарзы æмæ алкæмæ дæр йе 'ргом здахы. Куыд зæгъы, афтæмæй хæдзары бындур куыд ахсджиаг у, афтæ сывæллæтты хъомылад дæр у бæрнон хъуыддаг. Заремæ, йæ уды хъарм не 'вгъау кæны сабитимæ кусгæйæ. Ацы конкурсы Заремæ бацархайдта фыццаг хатт. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты йе 'мкусджытæ дæр. Разæнгард æй кодтой. Уыимæ ма йын стыр аргъ скодтой конкурсы районы къæпхæны жюрийы уæнгтæ. Фæстæдæр æй хуыздæрыл банымадтой республикæйы дæр. Йе 'мкусджытæ йын йæ æнтыстдзинадыл зæрдиагæй бацин кодтой. Хуыцъистаты Заремæ ныр архайдзæн конкурсы æппæтуæрæсеон къæпхæны. Ацæудзæн фæззæджы, Краснодары крайы. Уырдæм дæр Заремæ йæхи бæстонæй цæттæ кæны. Сæйрагдæрыл нымайы Ирыстоны кад сбæрзонд кæнын. Уæдæ уым цы фæлтæрддзинад райса, уый дæр нæ бавгъау кæндзæн сабиты хъомыладӕн. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуыцъистаты Заремæйы банымадтой республикæйы хуыздæр хъомылгæнæгыл

Категория:

Новости и СМИ