1 æм мартъийы 76 азы сæххæст уыдаид зынгæ ирон поэт Джусойты Хаджеты Таймуразыл
Тæргæйтты мæйы фыццаг бон 76 азы сæххæст уыдаид зынгæ ирон поэт Джусойты-Хаджеты Таймуразы райгуырдыл. Йæ алы æмдзæвгæйы, алы рæнхъы дæр ис арф философи. Цыбыр, фæлæ цæхæркалгæ царвæндагыл рацыд ирон дзырдаивады зиууон. Ис дунеон поэзийы хуыздæрты `мвæзадыл. Йæ цард æмæ йе сфæлдыстады кадæн ын номарæн изæр сарæзтой национ зонадон библиотекæйы. Ам æрæмбырд сты, Хаджеты Таймуразы ном зынаргъ кæмæн у, уыдон. Афтæ ма йæ хæстæджытæ æмæ йæ хорз чи зыдта, æрдхорд кæмæн уыди, уыдон. Не сси паддзахадон хæрзиуджыты хицау, æмæ сæм хæлæг дæр никуы бакодта. Йæ уд сыгъдæг кæй уыд, гæдыныхас кæй нæ уарзта, мæнг æнкъарæнтæ йæм кæй нæ уыд, уый тыххæй адæмæн уыдис уарзон. Хаджеты Таймураз ирон литертурæйы ныууагъта æнæхъæн поэтикон дуне - аргъæутты бæстæйау, алæмæтаг. Цы ис уымæй бæллиццагдæр цыфæнды адæмы литературæйæн дæр. Кæд 51 аз йедтæмæ нæ рацард, уæддæр ныууагъта рæсугъд фæд йæ дзыллæйы астæу. Сыгъдæгзæрдæйæ фыста райгуырæн уæзæгмæ уазондзинадыл. Йæ ирд рæнхъытæ зæлланг кæнынц æрыгон фæлтæры 'хсæн ныр дæр. Уалдзæджы фыццаг бон райгуырди Хаджеты Таймураз, æмæ уалдзæгау уыд нæрæмон. Йæ диссаджы лирикон æмдзæвгæты тыххæй йæ бирæтæ хуыдтой «ирон Есенин». Йæ чингуытæ цæуын райдыдтой 1973-æм азæй фæстæмæ. Мысæн изæрмæ йын бацæттæ кодтой йæ уацмысты æмбырдгондты равдыст дæр. Сарæзтой йæ проект «Антологи»-йы фæлгæты. Хорз æй чи зыдта, æрдхорд кæмæн уыди, уыцы адæм - культурæйы сгуыхт кусджытæ æмæ фысджыты цæдисы уæнгтæ - цымыдисаг афæлгæст сарæзтой йæ цард æмæ йе сфæлдыстадыл. Касаты Батрадз æрыгоны бонтæй фæстæмæ уыд Хаджеты Таймуразы æрдхорд. Куыд зæгъы, афтæмæй бирæ азты иумæ фæцардысты æмдзæрæны дæр. Хоны йæ диссаджы сыгъдæгзæрдæ, хиуылхæцгæ, кæм хъуыди, уым та æнæсæттон адæймаг. Ныффыста йыл бирæ æмдзæвгæтæ йæ удæгасæй дæр æмæ уый фæстæ дæр. Хаджеты Таймуразыл йæ цардвæндагыл иу хатт чи бамбæлд, уыдон сæхи стыр амондджыныл нымайынц. Йæ мадызæнæг Клавдия дæр уæззау зæрдæйæ мысы йæ номдзыд æфсымæры. Фæлæ йæ кой кæнгæйæ, йæ цæстытæ калынц цины тæмæнтæ. Ацы аз хъуамæ мыхуыры рацæуа Таймуразы уацмысты радон æмбырдгонд. Ирыстоны дзыллæйæн та фадат уыдзæн йæ сызгъæрин рæнхъытæ кæсынæн, царды тых сæ исынæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
1 æм мартъийы 76 азы сæххæст уыдаид зынгæ ирон поэт Джусойты Хаджеты Таймуразыл
Категория:
Новости и СМИ