РЦИ-Аланийы уæлдæр тæрхондон рахаста Сæйраг парк æмæ йæ алфамблайы тыххæй ног уынаффæ
Цæгат Ирыстоны уæлдæр тæрхондон бахæс кодта арæзтад æмæ архитектурæйы комитетæн, цæмæй Сæйраг парчы цы æрдæгарæзт бирæуæладзыг ис, уый æд алфамблæйттæ рекреацион арæзтадæй фæстæмæ бахæссын ландшафтон арæзтады зонæмæ. Афтæмæй цæрджытæн фæзындзæн Сæйраг парчы иу гектарæй фылдæр ног фæлладуадзæн бынат. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2018 азы горæты Думæйы депутаттæ кæй схъæлæс кодтой зæххы хайы статусмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Æхсæнады мидæг дæр райхалинаг фарста дзырддаг сси. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр тæрхондоны ног уынаффæ нырма йæ тыхы нæ бацыд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv