Цæгат Ирыстоны аразынц скъолайы агъоммæ ног кусæндæттæ
Скъолайы агъоммæ ахуырадон куыст Цæгат Ирыстоны цæуы æнæ къуылымпытæй. Цалдæр азы размæ дæр ма рæвдауæндæтты фаг бынæттæ нæ уыд. Фæлæ, цыбыр рæстæгмæ бантыст фарста райхалын. Дыууæ азы размæ дæр ма сывæллонæн рæвдауæндоны бынат ссарын æнцон нæ уыд. Бынæттæ уыдысты кадавар. Æрæджы уавæр хуыздæрырдæм раивта. Уый сывæллæтты ног рæвдауæндоны арæзтады фæрцы. Республикæйы ахуырады министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ныртæккæ скъолайы агъоммæ ахуырады хъуыддаджы фиппаинæгтæ нæй. Бынæттæ алкæй фаг дæр ис. Бынæттæ сывæллæтты рæвдауæндæтты ис, куыд хæрз чысылтæн, афтæ хистæр сабитæн дæр. Ахуырады управленийы уый тыххæй кæнынц стыр куыст. Уавæр æнцондæр у хъæуты. Зæгъæм, Æрæфы районы Советское хъæуы ис сывæллæты иу рæвдауæндон 120 бынатæн. Фаг кæны хъæуы æппæт сывæллæттæн дæр. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ ис сывæллæттæн 230 паддзахадон рæвдауæндонæй фылдæр. Аразынц ногтæ дæр. Зæгъæм, тагъд рæстæджы сабитæн йæ дуæрттæ байгом кæндзæн рæвдауæндон - скъола «Диалог»-ы бындурыл. Сывæллæтты рæвдауæндоны ис 280 бынаты. Бассейн æмæ нырыккон спортивон фæзимæ. Се 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сабитæн дæр сарæзтой æппæт гæнæнтæ. Тагъд рæстæджы Цæгат Ирыстоны байгом кæндзысты ноджыдæр рæвдауæндæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны аразынц скъолайы агъоммæ ног кусæндæттæ
Категория:
Новости и СМИ