Æрцахстой, героин чи уæй кодта, ахæм закъонхалджыты къорд
Барадхъахъхъæнæн оргæнты кусджытæ æрцахстой, героин чи уæй кодта, ахæм закъонхалджыты къорд. Тверы облæсты æртæ цæрæджы туристты хуызы ссыдысты республикæмæ æмæ алы рæтты уæззау наркотик парахат кодтой. Фыдгæнджытæ Дзæуджыхъæуы систой фатер хаццоны æмæ радыгай æмбæхсæнтæ кодтой. Цалынмæ сæ иу тыхтон æмбæхсгæ кодта, уæдмæ иннæ та бынаты къам æрвыста. Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæг наркотик уæйгæнджытæм ссардтой героин иу кг бæрц. Уымæй саразæн уыд 4 мин дозæйæ фылдæр. Фыдгæнджыты ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг, УФ уголовон кодексы 228-æм уацмæ гæсгæ «Æнæзакъонæй наркотикон буаргъæдтæ парахат кæныны тыххæй». Сæ æнæзакъон миты тыххæй ныр, гæнæн ис, æмæ ахæстоны фæбадой 20 азы онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрцахстой, героин чи уæй кодта, ахæм закъонхалджыты къорд
Категория:
Новости и СМИ