АВД ЦУХЪАЙЫ — СЕМЬ ЧЕРКЕСОК
Арф Куырттаты комы дуарыл Саргъæй хъæугæрон æрхиз, — Къулыл иу ныллæг хæдзары Ауыгъд авд цухъайы ис, Æмæ уыдон раз сæркъулæй Алæуу иучысыл æнцад: Уым цæринаг авд хъæбулæй Баззад афтидæй сæ мад... Хъæуы уæлмæрдты дæр авд и Ног конд ингæнтæ рæгъæй, Фæлæ ингæнтæ дæр афтид, Цухъаты дæр удтæ нæй. Мад сæ иуæн дæр йæ фырттæй Нал æрлæгъз кæндзæн йæ сæр, Фæлæ се сæфтыл бæлвырдæй Зæрдæ не 'ууæнды уæддæр. Æмæ ныр цыма йæ цуры Йе 'гас авд фырты уыны, Уыйау цухъатимæ дзуры, Сабыр бустæ сын кæны: «Уæ, мæ рогбазыр цæргæстæ, Æз уæ ныййарæг куы дæн, — Иунæг уæ йæ хабар хæстæй Уæд куыд нæ зæгъы мæнæн?.. Кæд къуырийæн дæр йæ бонтæ Мах фыдæнæн фесты авд? Авд хъæбулы мын хæстонтæй Бонгай хæст куы фæци давд!..» Мад йæ хъæбулты рæвдауы Цухъатæ йæ уырзтæй дауы, Иуæй иннæмæ цæуы... Айнæг сау фæрчытæй хауы, Арв цыхцырджытæй кæуы.
Название:
АВД ЦУХЪАЙЫ — СЕМЬ ЧЕРКЕСОК
Категория:
Разное