Райдиан кълæсты ахуыргæнæг Айдарты Фатимæ 55 азы ахуыр кæны сабиты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Айдарты Фатимæ сабийæ йæхицæн сæвæрдта нысан - хорз ахуыргæнæг суæвын. Педагогон училищæ каст куы фæцис, уæд æрбаздæх йæ уарзон Цыколайы фыццæгæм скъоламæ. Уæдæй-абонмæ æвæллайгæйæ кæны рухстауæн куыст. Æмткæй райсгæйæ рауагъта 14 фæлтæры скъоладзаутæ. Йæ равзæрд дæсныйадыл фæсмон никуы фæкодта. Бæлвырддæр радзурдзæн Гæззаты Зæринæ. Фидæн æнцайы ивгъуыды уидæгтыл. Æмæ йæ фарны уидæгтæ фидар кæмæн сты, уымæн йæ фидæнæн дæр фæцудынæй тас нæу. Ахæм арф уидæгтæ ауагътой Цыколайы фыццæгæм скъолайы ахуырдзау Айдарты Фатимæйы зæрдæйы йæ уарзон ахуыргæнджытæ. Сабийæ йæхицæн сæвæрдта нысан-хорз ахуыргæнæг суæвын. Фатимæ 1966 азы каст фæцис педагогон училищæ æмæ æрбаздæхт кодта йæ уарзон Цыколайы фыццæгæм скъоламæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, фыццæгты тынг æфсæрмы кодта. Æрлæууыд йæ ахуыргæнджыты æмрæнхъ.Тынг æхсызгонæй æрымысы Дзансолты Розæ æмæ Будтуты Сулейманы, уыдон ын æххуыс кодтой йæ фыццаг къахдзæфтæ кæнынмæ. Уыдоны фæзмгæйæ йæ фæлтæрддзинад дæр уæлдæр кодта. Советон дуджы йын фидар бындур æвæрд кæй æрцыдис, уымæ гæсгæ ныртæккæ æнтыстджынæй йæ урокты пайда кæны нырыккон технологитæй. Уæдæ нæ зивæг кæны,ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй цы алыхуызон дæсныйад æвдисæн ахуыртæ саразынц, уыдонмæ дæр. Уымæн æмæ ныры рæстæг райдиан кълæсты ахуыргæнæджы хæстæ æрмæст фыссын æмæ кæсын сахуыр кæнын нал сты. Хъуамæ хорз арæхса нырыккон технологитæй. Арæх ахуыргæнæн æрмæг афтæ стыр вæййы æмæ дзы бахъæуы сæрæндзинад равдисын. Фатимæ советтон дуджы цы бындурон зонындзинæдтæ райста, уыдонмæ гæсгæ райста ног фæлтæрддзинад, рауад дзы тыхджын ахуыргæнæг. Рæстæг куыд цыд афтæ йæ бахъуыд раивын Цыколайы 2-æм скъоламæ. Ам дæр йæхи равдыста хорз кусæгæй. Æмткæй райсгæйæ Мæхæмæты чызг рауагъта 14 фæлтæры. Æхсызгонæй сæ ранымайы се`ппæт дæр номæй-номмæ, алкæмæндæр æй зæрдæйы ссардта бынат. Уæлдай æхсызгон ын у бирæтæ дзы царды уæрæх фæндæгтыл кæй ацыдысты. Дзырдæн зæгъæм, Бичегкуты Маирбег, Хъайырты Валери, Хуасдзауты Алинæ- Ирыстоны бирæтæн зонгæ нæмттæ. Æмæ ма йæ ныхасмæ мидбылхудгæйæ бафтыдта, иу фæлтæр иннæйы ивы, уæддæр сывæллæттæн кæддæриддæр сæ уарзон предмет у математикæ. Ацы аз 1 скъолайы Фатимæ кæй сахуыр кодта, уыдон каст фесты скъола, фæлæ нæ рох кæнынц сæ фыццаг ахуыргæнæджы. Ахуырдзаутæн зæрдæ балæвар кæнын, зонындзинæдтæм фæндаг бацамонын, хорз удыхъæды хицæуттæ æмæ сæ патриоттæ хъомыл кæнын уыдон сты ахуыргæнæджы сæйраг хæстæ. Фатимæ Магометовнæ дæр ууыл æфтауы йæ ахуырдзауты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv