Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ коммуналон хауæццæгтæ цы регионалон операторæмбырд кæны, уый
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ бæрæг кæнынц Дзæуджыхъæуы регионалон оператор коммуналон хауæццæгтæ афоныл æмбырд кæныны æмæ сæ аласыны фарстатæ. Басгæрст сарæзтой, горæты цæрджытæ кæй хъаст кодтой, уый фæдыл. Инспекциимæ ма архайдтой «Спецэкосервис»-ы минæвæрттæ. Ватутины номыл уынджы ацы хайæн йæ уавæр сæ хæрзтæй нæу. Бырæттæ алы рæтты пырх. Хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бырондæттæ фаг кæй нæй, уый тыххæй чи ис, уыдон тагъд байдзаг вæййынц. Контейнертæ айстой Спецэкосервисы кусджытæ. Бырондæттæ сæвæрдтой ацы хæдзæртты цæрджытæ, дзаг та сæ кодтой æнæхъæн уынгæй. Цалдæр сахатмæ фæзуат быронæй нал фæзыны. Цæрджытæ Спецэкосервисы кусджытæй нæ хъаст кæнынц. Адæмæн бамбарын кодтой, контейнертæ айстой, цæмæй уынг сыгъдæгдæр уа æмæ санитарон домæнтæн дзуапп дæтта. Бырон аппарæн ис, фалдæр бырондæттæ цы ран лæууы, уырдæм. Уыдон та æвæрд сты сыхаг уынгы. Дæрддзæф æвæрд кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ хистæр кары адæмæн зын у бырæттæ æмбæлгæ бынатмæ фæхæццæ кæнын. Хъуыддаг аиуварс кæнынмæ февнæлдтой Молодежка ОНФ. Спецэкосервисы разамындимæ аныхас кодтой æмæ иу хатдзæгмæ æрцыдысты. Быронимæ баст фарста ма тыхсын кæны Гугкайы-фырты номыл уынджы цæрджыты дæр. Сæхæдæг пайда кæнынц быронуадзæнтæй, фæлæ хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæ бырæттæ хæссынц сæ дуары размæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ бæрæг кæнынц хауæццæгтæ æмбырд кæнын фарста. Хъаст сæм цы хæдзары цæрджытæй æрбацæуы, уыдоны фарсмæ æрбалæууынц. Активисттæ фæнд кæнынц курдиат горæты префектурæмæ арвитын. Курынц, цæмæй ацы хъуыддагмæ се ’ргом раздахой. Уыимæ ма разамынддæттæг компанитæн бабар кæной, цæмæй сæ хæстæ бæстонæй æххæстгонд цæуой. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ коммуналон хауæццæгтæ цы регионалон операторæмбырд кæны, уый
Категория:
Новости и СМИ