Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ бæрæг кæнынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон б
Национ проект «Жилье æмæ Городская среда»-йы фæлгæты республикæйы дарддæр аив кæнынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ. Ацы хатт куыстытæн аргъ скодтой Мичурины æмæ Иристонскийы номыл уынгты цæрджытæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ дæр æркастысты æмæ базыдтой бынæттон цæрджытæ æххæстæй разыйæ цæмæй нæ баззадысты, уый. Хъуыды кæронмæ ахæццæ кæндзыстæм нæ дарддæры æрмæгæй. Иристонская ӕмӕ Мичурины номыл уынгты хæдзæртты цæрджыты стырдæр бæллиц уыд хæдтулгæтæн сæрмагонд бынат скæнын. Курдиæттæ балæвæрдтой алы инстанцитæм - фарстайыл бакуыстой. Ныр цæст барухс вӕййы, канд лæууæн быннæттæй нæ, фæлæ ма ног бандæттæ, рухс æмæ къæйдуртимæ асфальт фæндагæй. Кæрты нæ фаг кæны æрмæст быронӕн урнӕтӕ. Мичурины номыл уынджы цæрджытæ ма хъаст кæнынц, цы зæхх æрбаластой, уый хæрзхъæддзинадæй. Зæхх æрбаластой аивгæнæн куыстыты рæстæг. Бирæуæладзыгон хæдзары кæрты дæр фæзынд ног бынат хæдтулгæтæн, фæлæ уый хыгъд уынг фæнарæгдæр ис. Иуæй-иу цæрджытæ уымæй разы не сты. Хæдтулгæты ӕрлæууæн æгæр хæстæг у рудзгуытæм. Скодтой йæ раст нæ хуыссæнуаты бын. Æрбаластой, амбрози кæм зайы, ахæм тæфгæнаг зæхх. Зайгæ дзы æндæр уæвгæ дæр ницы кæны. Хуыцау йæ зонæг, кæцæй ласт у, уый! Проектмæ гæсгæ Спутникы поселоччы кæртыты дæр фæзынд ног аив бандæттæ, рухсытæ æмæ фæндæгтæ. Бынæттон цæрджытæ зæгъынц: аиппытæ ис, æмæ хорз уаид, уыдон дæр куы аиуварс кæниккой, уый. Цы уыд, уымæй уавæр фæхуыздæр, фæлæ дзы ис хъæндзинæдтæ, æмæ хорз уаид, аразджытæ сӕ куы аиуварс кæниккой, уӕд. Газонтæ ранæй-рæтты аивгонд не сты. Кæмдæрты бынтон хорз конд не сты фæндаджы къæйдуртæ æмæ бацæуæнтæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ хъæндзинæдтæ иуылдæр бæрæг кæнынц. Информаци активисттæ фæхæццæ кæндзысты горæт æмæ районты администрацитæм. Æмткæй райсгæйæ, «Городская среда» проекты фæлгæты Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц саив кæнын 39 æхсæнадон фæзуаты, уыимæ 130 бирæфатерон хæдзары кæртæй фылдæр. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ бæстонæй сæ цæст дардзысты æхсæнадон архайджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ бæрæг кæнынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон б
Категория:
Новости и СМИ