Хицауады уæнгтæ дзырдтой Цæгат Ирыстоны хызæгты иугонд компани саразыныл
Цæгат Ирыстоны Регионалон хызӕгты иугонд компани саразыныл хицауады уæнгтæ æрдзырдтой цæрæнуæтты-коммуналон комплексы минæвæрттимæ. Æмбырды сæрдариуæг кодта Сергей Меняйло. Ног хъæппæрисы сæйраг нысан электрон хызæгты исбон баиу кæнын. Республикæйы разамынды ныхæстæм гæсгæ, проекты руаджы электрон тыхы хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уыдзæн, уæдæ энергетикæйы къабазы рæзтæн дæр уыдзæн ахъаз. Энергон комплекс хъæуы ног æмвæзадмæ ракæнын, уый тыххæй та хъуамӕ уа инвестицион программæ – фæнысан кодта Сергей Меняйло. Программæ ахаддзæн электрон хызæгты хæдзарады рæзтыл, уыимæ тарифты æргътæ хæрдмæ нал хиздзысты. Республикæйы разамынд бабар кодта дзуапдæттæг кусæндæттæн, цæмæй хъуыддагыл кæронмæ бакусой æмæ бæлвырд æмгъуыдмæ мадзæлтты пълан цæттæ уа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv