Скъолайы хуыздæр директоры сбæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны
Скъолайы хуыздæр директоры сбæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Профессионалон дæсныты фыццаг регионалон конкурс арæзт у дыууæ хайæ. Фыццаг – муниципалон. Йæ архайджытæ хъуамæ сæххæст кæной ахуырадон методикон службæйы концепцийы тыххæй хæслæвæрд. 13 адæймагæй дыккаг къæпхæнмæ рахиздзысты 8-æй. Дарддæр сæм æнхъæлмæ кæсы æртæ фæлварæны: хъуамæ саразой ахуыргæнджытимæ совет æмæ ныййарджытимæ æмбырд. Уыимæ ма дзуæппытæ радтой Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министры фæрстытæн. Конкурсы архайджытæн аргъ кæны жюри, йæ сæргъы Людмилæ Башарина, афтæмæй. Уый куыд фæнысан кодта, афтæмæй æркасты сæйраг хæс у фæзминаг скъолаты директорты фæлтæрддзинад иннæтыл апарахат кæнын. Бацархайыны фадат дзы ис куыд дæсны, афтæ æрыгон разамонджытæн дæр. Жюрийы уæнгтæ куыстытæ бæлвырд кæнынц 10 баллы онг хыгъдæй. Конкурсы уæлахиздзауы схорзæхджын кæндзысты кады гæххæт æмæ æхцайы премийæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Скъолайы хуыздæр директоры сбæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ